Мыздтӕ ӕмӕ вакцинаци: Бибылты Анатолий фембӕлд Къуайсайы цӕрджытимӕ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембӕлд Къуайсайы цӕрджытимӕ
Бибылты Анатолий фембӕлд Къуайсайы цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фембӕлд Къуайсайы цӕрджытимӕ, фембӕлды рӕстӕджы ӕрныхас кодтой горӕт ӕмӕ ӕввахс хъӕуты райрӕзтыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Фембӕлды райдайӕны Бибылты Анатолий раарфӕ кодта цӕрджытӕн ӕрбалӕугӕ бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, 2022 азы сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕ уыдзысты – хъӕууон хӕдзарады райрӕзт, ӕмбӕстӕгты царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады модернизаци.
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.12.2021
Къуайсайы рынчындонӕн самал кодтой реанимобиль
Бибылты Анатолий ма йӕ хъус ӕрдардта вакцинацийы темптӕ фӕфылдӕр кӕнынмӕ. Уый загъта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, вакцинаци хъӕуы, цӕмӕй адӕм бахъахъхъӕной сӕхи ӕмӕ се ‘ввахс адӕмы. Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг вакцинӕтӕ дызӕрдыггаг не сты.
Цӕрджытӕ дӕттой фарстытӕ горӕты цӕрӕнуатон фонды байуарыны фӕдыл. Къуайсайӕгты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕ фатертӕ радтой ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ ӕрцӕуынц горӕтмӕ ӕрмӕстдӕр сӕрды, аннӕ рӕстӕг хӕдзӕрттӕ вӕййынц ӕдзӕрӕг. Афтӕмӕй горӕты чи цӕры, уыцы бинонтӕй бирӕтӕн нӕй сӕхи фатертӕ.
Горӕты цӕрджытӕ ма хъаст кодтой президентӕн техникон кусджыты гыццыл мыздтыл.
Бибылты Анатолий бамбарын кодта, техникон кусджытӕн сӕ мызд кӕй схызт цӕрыны минимумы онг ӕмӕ фылхыгъд сараздзысты сентябрӕй.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембӕлд Къуайсайы цӕрджытимӕ
Анатолий Бибилов провел встречу с населением г. Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.12.2021
Бибылты Анатолий фембӕлд Къуайсайы цӕрджытимӕ
Президент радта фӕдзӕхст президенты администрацийӕн, цӕмӕй саразой ӕмбӕлон куыст ӕмӕ бахӕццӕ кӕной районты разамонджытӕм хицауады уынаффӕтӕ, кӕцытӕ хауынц мыздты фӕфылдӕрмӕ.
Бибылты Анатолий ма ӕрдзырдта республикӕйы тыхон структурӕты мыздтыл ӕмӕ банысан кодта, 2022 азы январӕй уыцы уагдӕтты кусджытӕн кӕй фӕфылдӕр кӕндзысты сӕ мыздтӕ.
Афтӕ ма Бибылты Анатолий радзырдта горӕты хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй дӕр.
"Мах аскъуыддзаг кодтам иууыл актуалондӕр фарстытӕ – Гуфта-Къуайса фӕндаджы цалцӕг, равитам бирӕфатерон хӕдзӕртты фылдӕр хайы уӕлхӕдзӕрттӕ, аскъуыддзаг кодтам донифтонгады, горӕты уынгты арӕзтады ӕмӕ электрондыхы хӕххытӕ раивыны проблемӕтӕ. Фидӕн аз нывӕндӕм сцалцӕг кӕнын Къуайсайы Культурӕйы хӕдзар", - загъта президент.
Президент нывӕнды ауадзын традицион фембӕлдтӕ республикӕйы ӕндӕр районты дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0