https://sputnik-ossetia.com/20211227/dzauy-rayony-edysy-khauy-tsaragan-basygd-ya-khadzar-15068262.html
Дзауы районы Едысы хъӕуы цӕрӕгӕн басыгъд йӕ хӕдзар
Дзауы районы Едысы хъӕуы цӕрӕгӕн басыгъд йӕ хӕдзар
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Едысы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хъӕдын хӕдзар, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты... 27.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-27T12:25+0300
2021-12-27T12:25+0300
2021-12-27T12:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/0c/11271501_0:0:3067:1725_1920x0_80_0_0_ebba7acbd850211efd83d30087ecc04a.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Едысы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хъӕдын хӕдзар, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.Зынгирвӕзт ӕрцыд хуыцаубоны изӕры."Едысы зынгирвӕзты куыста УУМ Дзауы районы ӕвдӕм хайад. Цауы фӕстиуӕгӕн хъӕдын цӕргӕ хӕдзар басыгъд", - загътой уагдоны.Зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн уды зианӕнттӕ не рцыд, фӕлӕ хӕдзары хицау зымӕджы аззад уынджы."Бирӕ аххосӕгтӕ уыд. цӕмӕннӕ бантыст артӕй хӕдзар аривӕзын кӕнын. Иуӕй хӕдзар хъӕдын уыд, стӕй хъӕу у дӕрддзӕф, ис йӕм зынвадат фӕндаг. Стӕй ма цӕрджытӕ фӕдзурынц уӕлвӕткон уавӕрты уагдонмӕ сӕхи амӕлттӕй куы нал тых кӕнынц артыл, уӕд, уӕдмӕ та ӕййы рӕгмӕ",- бамбарын кодтой уагдоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/0c/11271501_0:0:2729:2047_1920x0_80_0_0_615f355c01778b4bec0316e0fd09c9a5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Дзауы районы Едысы хъӕуы цӕрӕгӕн басыгъд йӕ хӕдзар
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Едысы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хъӕдын хӕдзар, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.
Зынгирвӕзт ӕрцыд хуыцаубоны изӕры.
"Едысы зынгирвӕзты куыста УУМ Дзауы районы ӕвдӕм хайад. Цауы фӕстиуӕгӕн хъӕдын цӕргӕ хӕдзар басыгъд", - загътой уагдоны.
Зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн уды зианӕнттӕ не рцыд, фӕлӕ хӕдзары хицау зымӕджы аззад уынджы.
"Бирӕ аххосӕгтӕ уыд. цӕмӕннӕ бантыст артӕй хӕдзар аривӕзын кӕнын. Иуӕй хӕдзар хъӕдын уыд, стӕй хъӕу у дӕрддзӕф, ис йӕм зынвадат фӕндаг. Стӕй ма цӕрджытӕ фӕдзурынц уӕлвӕткон уавӕрты уагдонмӕ сӕхи амӕлттӕй куы нал тых кӕнынц артыл, уӕд, уӕдмӕ та ӕййы рӕгмӕ",- бамбарын кодтой уагдоны.