Ног аз президентимӕ: ССГ хоны ногазон аргъаумӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПрезидентон наз
Президентон наз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны райдайӕны скъолайы ахуырдзауты фӕхондзысты президентон наз бӕласы равдыстмӕ ӕртыккӕгӕм январы, фехъусын кодта Сывӕллӕтты сфӕлдистадон галуаны хъомыладон фарстаты фӕдыл директор хӕдивӕг Ӕрсойты Зӕринӕ.
Ӕмткӕй ССГ ногазон аргъау цыппар бонмӕ фендзысты 700 сабийы.
"Традицион ногазон равдысттӕ райдайдзысты ӕртыккӕгӕм январы дыууӕ сахатыл президентон наз бӕласӕй. Паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолиимӕ фембӕлмӕ хуынд цӕуынц ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕг фыццагӕй фӕндзӕм кълӕстӕм",- радзырдта уый.
Ацы аз эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ зал йедзаг уыдзӕн ӕрмӕст 70 проценты онг.
"Равдысттӕ сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны адарддӕр уыдзысты цыппӕрӕм, фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм январы. Ӕртӕ боны дӕр фӕйнӕ ӕртӕ равдыст уыдзӕн. Иннӕ ӕзты уӕлдай, ацы азы сценарий афтӕ арӕзт у ӕмӕ чысыл уазджытӕ сӕхӕдӕг суыдзысты ногазон аргъауы архайджытӕ",- бафтыдта Ӕрсойты Зӕринӕ.
Ӕртыккӕгӕм январы изӕры ССГ ацӕудзӕн хистӕркъласонты фембӕлд президентимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0