Уӕрӕсейаг медиктӕн, кӕцытӕ кусдзысты бӕрӕгбонты, фӕдывӕр кӕндзысты сӕ мызд

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг медиктӕн , кӕцытӕ кусдзысты бӕрӕгбонты, фӕдывӕр кӕндзысты сӕ мызд
Уӕрӕсейаг медиктӕн , кӕцытӕ кусдзысты бӕрӕгбонты, фӕдывӕр кӕндзысты сӕ мызд
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Уӕрӕсейаг медиктӕн, кӕцытӕ кусдзысты бӕрӕгбонты рӕстӕджы коронавирусӕй рынчынтимӕ, фӕдывӕр кӕндзысты сӕ куыстмызд.
Ӕмбӕлон хӕслӕвӕрд хицауадӕн радта Уӕрӕсейы президент Владимир Путин, хъусын кӕны РИА Новости.
Хӕслӕвӕрд сӕххӕсты фӕдыл хыгъды хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа 2021 азы 30 декабрьмӕ.
Уымӕй размӕ, уӕрӕсейаг премьер Михаил Мишустин фехъусын кодта, ныридӕгӕн коронавриусӕй рынчынтимӕ архайынц 300 дохтыры, хицауад архайы уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕсиаг ӕртӕ мӕйы хицауад разицӕн кодта 50 миллиард сӕмы медицинон кусджытӕн социалон фиддонтӕн.
Фӕстаг суткӕйы коронавирусӕй рынчынты нымӕц Уӕрӕсейы фӕфылдӕр сты 23 210.
Ног хабӕртты лентӕ
0