Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус
Коронавирус  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны сбӕрӕг кодтой 9 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕ Sputnik Югосетпотребнадзоры.
Улӕфйт бонты уагдоны лабораторийы коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл иртӕстытӕ нӕ арӕзтой. Къуырисӕры бӕрӕггӕнӕнтӕ та зӕгъдзысты дыццӕджы.
"Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы майрӕмбоны цы 99 иртӕсты сарӕзтой, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 9. Хыгъдӕй та систой 12 пациенты", - загътой Югосетпотребнадзоры.
Медикты хъусдарды бын ма ныртӕккӕ сты 136 ӕмбӕстаджы коронавирусимӕ.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 050. Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 186 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0