https://sputnik-ossetia.com/20211228/fastag-avdisan-iron-adamy-genotsidy-tykhkhay-spektakl--15050506.html
"Фӕстаг ӕвдисӕн": ирон адӕмы геноциды тыххӕй спектакль
"Фӕстаг ӕвдисӕн": ирон адӕмы геноциды тыххӕй спектакль
Sputnik Хуссар Ирыстон
Спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн" сценӕйыл хъуамӕ равдыстаиккой 2020 азы, ирон адӕмы геноцидыл 100 азы куы сӕххӕст, уӕд. Ацы спектаклы хайад исынц паддзахадон драмон... 28.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-28T15:30+0300
2021-12-28T15:30+0300
2021-12-28T15:30+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/18/15050228_0:0:964:543_1920x0_80_0_0_b1b2eb0aeb6ebd2efe40b3fb85e969b1.png
Спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн" сценӕйыл хъуамӕ равдыстаиккой 2020 азы, ирон адӕмы геноцидыл 100 азы куы сӕххӕст, уӕд. Ацы спектаклы хайад исынц паддзахадон драмон театры артист Мамиты Григорий ӕмӕ Карсанты Гурам, кӕцы фӕстаг ӕзты нӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕг уазджыты зонгӕ кӕны Ирыстоны рӕсугъддӕр къуымтимӕ. Спектаклӕн премьерӕ кӕд уыдзӕн, уый аскъуыддзаг ацы бонты."Бӕрӕг ахоссӕгтӕ ис, спектакль нырмӕ кӕй нӕ рацыдис, уымӕн. Ныфс нӕ ис, Ног азы кӕй рацӕудзӕн", - загъта артист Мамиты Григорий.Карсанты Гурам банысан кодта, ацы спектаклӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис, цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕр базонгӕ уой сӕ историимӕ. Актертӕ куыд бафиппайдтой, уымӕ гӕсгӕ цы хъайтарты хъазынц, уыдонӕн ис ахсджиаг историон хайбавӕрд 1920 азы националон змӕлдмӕ."Дыууӕ азӕй йыл фыдӕр кусӕм, фӕлгонцы характертӕм лӕмбынӕгӕй ӕркастыстӕм", - банысан кодта Григорий.Пьесӕ "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ӕн йӕ автор у фыссӕг, журналист Остъаты Алан, спектаклы режиссер та у Дзудцаты Тамерлан.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/18/15050228_235:0:964:547_1920x0_80_0_0_ff023109d112d5ce1ed8b2702715be6f.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , видео
хуссар ирыстоны, радио иронау , видео
"Фӕстаг ӕвдисӕн": ирон адӕмы геноциды тыххӕй спектакль
Спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн" сценӕйыл хъуамӕ равдыстаиккой 2020 азы, ирон адӕмы геноцидыл 100 азы куы сӕххӕст, уӕд. Ацы спектаклы хайад исынц паддзахадон драмон театры артист Мамиты Григорий ӕмӕ Карсанты Гурам, кӕцы фӕстаг ӕзты нӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕг уазджыты зонгӕ кӕны Ирыстоны рӕсугъддӕр къуымтимӕ.
Спектаклӕн премьерӕ кӕд уыдзӕн, уый аскъуыддзаг ацы бонты.
"Бӕрӕг ахоссӕгтӕ ис, спектакль нырмӕ кӕй нӕ рацыдис, уымӕн. Ныфс нӕ ис, Ног азы кӕй рацӕудзӕн", - загъта артист Мамиты Григорий.
Карсанты Гурам банысан кодта, ацы спектаклӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис, цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕр базонгӕ уой сӕ историимӕ. Актертӕ куыд бафиппайдтой, уымӕ гӕсгӕ цы хъайтарты хъазынц, уыдонӕн ис ахсджиаг историон хайбавӕрд 1920 азы националон змӕлдмӕ.
"Дыууӕ азӕй йыл фыдӕр кусӕм, фӕлгонцы характертӕм лӕмбынӕгӕй ӕркастыстӕм", - банысан кодта Григорий.
Пьесӕ "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ӕн йӕ автор у фыссӕг, журналист Остъаты Алан, спектаклы режиссер та у Дзудцаты Тамерлан.