https://sputnik-ossetia.com/20211228/makh-na-nyuuadzdzystam-syvallatty-uyndzhy-prezident-tskhinvaly-2-am-muzskolayy-khysmatyl-15080044.html
Мах нӕ ныууадздзыстӕм сывӕллӕтты уынджы: президент Цхинвалы 2-ӕм музскъолайы хъысмӕтыл
Мах нӕ ныууадздзыстӕм сывӕллӕтты уынджы: президент Цхинвалы 2-ӕм музскъолайы хъысмӕтыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, Битеты Павелы номыл Цхинвалы музыкалон скъолайы бӕстыхайы хъысмӕт кӕй... 28.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-28T13:21+0300
2021-12-28T13:21+0300
2021-12-28T13:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/535/71/5357162_0:65:5760:3305_1920x0_80_0_0_7ccc2287400586dd444bee05f3c0640d.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, Битеты Павелы номыл Цхинвалы музыкалон скъолайы бӕстыхайы хъысмӕт кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты, ӕмӕ паддзахад ссардзӕн фӕрӕзтӕ йӕ цалцӕг кӕнӕ ног бӕстыхайы арӕзтадӕн.Ахуырадон уагдоны бӕстыхай бирӕ азты дӕргъы ис аварион уавӕры. 2019 азы октябры уым ӕрхаудта уӕлхӕдзар. Уыцы рӕстӕг скъолайы нӕ уыд ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн бахъӕудзӕн егъау финансон фӕрӕзтӕ, фӕлӕ сӕ паддзахад ӕнӕмӕнг ссардзӕн."Мах нӕ ныууадздзыстӕм уыцы сывӕллӕтты уынджы. Абоны бон сты уӕззау уавӕрты, фӕлӕ махӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм – ног скъола саразӕм ӕви капиталон цалцӕг ауадзӕм. Мах уымӕ ӕнӕмӕнг ӕрыздӕхдзыстӕм, ӕмӕ дыккаг музыкалон скъола кусдзӕн", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.Скъолайы ахуыр кӕны 230 сывӕллоны бӕрц. Йӕ рӕстӕджы ацы скъола каст фесты зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероника, скъолайы ахуыргӕнӕг, ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Ацӕмӕз, музыканттӕ ӕмӕ композитортӕ Дудайты Константин ӕмӕ Сӕрмӕт ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20211228/khussar-iry-prezident-fekhusyn-kodta-ivguyd-azy-sayrag-tsauta-15078557.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/535/71/5357162_0:0:5120:3840_1920x0_80_0_0_7acc276461c23bb1c00cd103a3f38ecf.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Мах нӕ ныууадздзыстӕм сывӕллӕтты уынджы: президент Цхинвалы 2-ӕм музскъолайы хъысмӕтыл
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, Битеты Павелы номыл Цхинвалы музыкалон скъолайы бӕстыхайы хъысмӕт кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты, ӕмӕ паддзахад ссардзӕн фӕрӕзтӕ йӕ цалцӕг кӕнӕ ног бӕстыхайы арӕзтадӕн.
Ахуырадон уагдоны бӕстыхай бирӕ азты дӕргъы ис аварион уавӕры. 2019 азы октябры уым ӕрхаудта уӕлхӕдзар. Уыцы рӕстӕг скъолайы нӕ уыд ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ.
"Ӕз зонгӕ дӕн ацы проблемӕимӕ, мах уый фӕдыл бирӕ хатт ныхас кодтам музыкалон скъолайы директоримӕ. Мах баххуыс кодтам ауадзын хъармгӕнӕн системӕ, сарӕзтам чысыл цалцӕг. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бӕстыхай йӕхӕдӕг у рагон. Ӕмӕ мах агурӕм фадат, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм ацы фарст", - загъта президент йӕ хатдзӕгон пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн бахъӕудзӕн егъау финансон фӕрӕзтӕ, фӕлӕ сӕ паддзахад ӕнӕмӕнг ссардзӕн.
"Мах нӕ ныууадздзыстӕм уыцы сывӕллӕтты уынджы. Абоны бон сты уӕззау уавӕрты, фӕлӕ махӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм – ног скъола саразӕм ӕви капиталон цалцӕг ауадзӕм. Мах уымӕ ӕнӕмӕнг ӕрыздӕхдзыстӕм, ӕмӕ дыккаг музыкалон скъола кусдзӕн", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.
Скъолайы ахуыр кӕны 230 сывӕллоны бӕрц. Йӕ рӕстӕджы ацы скъола каст фесты зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероника, скъолайы ахуыргӕнӕг, ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Ацӕмӕз, музыканттӕ ӕмӕ композитортӕ Дудайты Константин ӕмӕ Сӕрмӕт ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.