https://sputnik-ossetia.com/20211229/khussar-iry-khitsauad-rakhitsan-kodta-farazta-vaktsina-ama-mediktan-fiddontan-15091492.html
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта фӕрӕзтӕ вакцинӕ ӕмӕ медиктӕн фиддонтӕн
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта фӕрӕзтӕ вакцинӕ ӕмӕ медиктӕн фиддонтӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй финансон фӕрӕзтӕ медиктӕн фиддонтӕн коронавирусимӕ тохы... 29.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-29T16:24+0300
2021-12-29T16:24+0300
2021-12-29T17:59+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/05/12/12232630_0:157:3083:1891_1920x0_80_0_0_17438e28db61bdea90cec2c2b05345e7.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй финансон фӕрӕзтӕ медиктӕн фиддонтӕн коронавирусимӕ тохы тыххӕй ӕмӕ вакцинӕтӕ балхӕнынӕн.Коронавирусимӕ тохы тыххӕй медиктӕн ивгъуыд ӕртӕ мӕйы фиддонтӕн рахицӕн кодтой 20 милуан сомы. Декабры фиддонтӕ ратдзысты январы.Ноджы ма ӕртӕ милуан сомы рахицӕн кодтой уӕрӕсейаг вакцинӕтӕ "Спутник V" ӕмӕ "Спутник Лайт" балхӕнын.Медикаменттӕ, хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ ӕмӕ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ балхӕнынӕн ацӕудзӕн 12 милуан сомӕй чысыл къаддӕр. Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий куыд банысан кодта, афтӕмӕй уыдон сты фӕрӕзты хай, кӕцытӕ уый размӕ Уӕрӕсе рахицӕн кодта коронавирусы апарахат ма руадзынӕн республикӕйы территорийыл.УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт банысан кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн кӕй хъӕуы балхӕнын транспорт дӕр туаггуыр ласынӕн.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм транспорты аргъ у фараст милуанмӕ ӕввахс. Премьер-министр баныфсӕвӕрдта, кӕд ахӕм фадӕттӕ нырма нӕй, уӕд фидӕн аз хицауад бафӕлвардзӕн аскъуыддзаг кӕнын ацы фарст.
https://sputnik-ossetia.com/20211224/parlament-raysta-ivyndzinadta-khussar-iry-byudzhetma-15050742.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/05/12/12232630_175:0:2906:2048_1920x0_80_0_0_c476e5c9795b35c839398d0e8bd0d77e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта фӕрӕзтӕ вакцинӕ ӕмӕ медиктӕн фиддонтӕн
16:24 29.12.2021 (Ранӕуӕггонд: 17:59 29.12.2021) ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй финансон фӕрӕзтӕ медиктӕн фиддонтӕн коронавирусимӕ тохы тыххӕй ӕмӕ вакцинӕтӕ балхӕнынӕн.
Коронавирусимӕ тохы тыххӕй медиктӕн ивгъуыд ӕртӕ мӕйы фиддонтӕн рахицӕн кодтой 20 милуан сомы. Декабры фиддонтӕ ратдзысты январы.
Ноджы ма ӕртӕ милуан сомы рахицӕн кодтой уӕрӕсейаг вакцинӕтӕ "Спутник V" ӕмӕ "Спутник Лайт" балхӕнын.
Медикаменттӕ, хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ ӕмӕ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ балхӕнынӕн ацӕудзӕн 12 милуан сомӕй чысыл къаддӕр. Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий куыд банысан кодта, афтӕмӕй уыдон сты фӕрӕзты хай, кӕцытӕ уый размӕ Уӕрӕсе рахицӕн кодта коронавирусы апарахат ма руадзынӕн республикӕйы территорийыл.
УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт банысан кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн кӕй хъӕуы балхӕнын транспорт дӕр туаггуыр ласынӕн.
"Нырма ууыл архайы УУМ, транспорт фехӕлы, ӕмӕ махӕн ничи бафиды уыцы хӕрдзтӕ. Ацы вирус никуыдӕм ацӕудзӕн, ӕмӕ фарст хъӕуы асъкуыддзаг кӕнын", - загъта Цоциты Азӕмӕт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм транспорты аргъ у фараст милуанмӕ ӕввахс. Премьер-министр баныфсӕвӕрдта, кӕд ахӕм фадӕттӕ нырма нӕй, уӕд фидӕн аз хицауад бафӕлвардзӕн аскъуыддзаг кӕнын ацы фарст.