Цӕрӕнуат ӕмӕ вакцинаци: Бибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ
Бибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой вакцинаци, цӕрӕнуатон уавӕртӕ ӕмӕ мыздты фарстытыл.
Бибылты Анатолий ӕрсидт цӕрджытӕм рацӕуын вакцинаци. Ацы азы хатдзӕгты тыххӕй та президент банысан кодта, Дзауы районы цыбыр ӕмгъуыдмӕ кӕй сарӕзтой хорз фӕстиуджытӕ социалон къабазы.
"Ӕз сӕрыстыр дӕн районы куысты хатдзӕгтӕй. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ мах бирӕ сарӕзтам: хӕдзӕрттӕ, уынгтӕ ӕмӕ тротуартӕ, хидтӕ, спортзалтӕ, сывӕллӕтты фӕзуаттӕ, уынгты рухс, афтӕ ма арӕзт ӕрцыдысты бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сцалцӕг кодтой Культурӕйы хӕдзар", - загъта Бибылты Анатолий.
Уый фӕстӕ цӕрджытӕ дӕттой фарстытӕ президентмӕ. Проблемӕты фылдӕр хай баст уыдысты цӕрӕнуатон фарстимӕ.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ
Анатолий Бибилов встретился с населением Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2021
Бибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ
Бибылты Анатолий бахахх кодта, хӕдзӕрттӕ байуарыныл кӕй кусы цӕрӕнуатон къамис, кӕцы скъуыддзаг кӕны, кӕмӕн хъӕуы рахицӕн кӕнын фатертӕ.
"Мӕ бон нӕу бандавын къамисы куыстыл. Цӕрӕнуат байуарыныл кусынц къамисы уӕнгтӕ. Уыдон скъуыддзаг кӕнынц, кӕй уӕ фылдӕр хъӕуы цӕрӕнуат", - загъта президент.
Уыимӕ иумӕ паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, районы цӕрджытӕн, кӕцытӕ сӕхи тыхтӕй аразынц хӕдзӕрттӕ, паддзахад ӕххуыс кӕндзӕн.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ
Анатолий Бибилов встретился с населением Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.12.2021
Бибылты Анатолий фембӕлд Дзауы районы цӕрджытимӕ
Боны фӕткы ма уыд мыздты фӕфылдӕр фарст.
Президент банысан кодта, 2021 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ мызд фӕфылдӕр кодтой алы техникон кусӕгӕн дӕр, 2022 азы январӕй та фӕфылдӕр кӕндзысты тыхон структурӕты кусджыты мыздтӕ.
Бибылты Анатолий ма сдзуапп кодта цалдӕр фарстыл, кӕцытӕ хаудтой финансон ӕххуыс бакӕнынмӕ, хоскӕнынадмӕ арвитын ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Уымӕй дарддӕр Бибылты Анатолий хайад райста Дзауы райцентры ногазон наз бӕлас бакӕныны цытджын церемонийы. Президент раарфӕ кодта сывӕллӕттӕн ӕрбалӕугӕ бӕрӕгбоны цытӕн, ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта сӕ бӕллицты сӕххӕст.
Мадзалы кӕрон паддзахады разамонӕг радта районы сывӕллӕттӕн ногазон лӕвӕрттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0