Хуссар Иры барадхъахъхъӕнджытӕ сарӕзтой хӕрзаудӕн акци ӕххуысхъуаг бинонтӕн

© Sputnik / Фатима ПлиеваУправление внутренних дел МВД оказали помощь нуждающимся семям
Управление внутренних дел МВД оказали помощь нуждающимся семям  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады горӕты дӕлхайад столицӕйы дӕс ӕххуысхъуаг бинонтӕн самал кодтой хӕлцадон ӕххуыс Ног азы къӕсӕрыл, фехъусын кодта МХМ кусӕг, булкъон Гатайты Лали.
Ӕххуысы адресаттӕ ссисты Цхинвалы ӕххуысхъуаг ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕ, кӕцытӕ сты тыхст уавӕрты.

"Мидхъуыддӕгты министрады горӕты дӕлхайад ӕрӕмбырд кодта фӕрӕзтӕ ногазмӕ сабиты барӕвдауынӕн. 10 бинонтӕй фылдӕрӕн уыд фадат балӕггад кӕнын, фӕлӕ аскъуыддзаг кодтам цъусӕн , фӕлӕ хорз", - загъта булкъон.

Уый ма бафтыдта, ногазон адджинӕгтӕй дарддӕр ма бинонтӕн радтой хӕлцадон продуктты ахадгӕ бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0