Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой цыппӕрӕмы Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 64 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой дыууӕ тесты. Иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой 10 пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 115 адӕймаджы", - загътой Югосетпотребнадзоры.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 098.
Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 56 689 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 213 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0