https://sputnik-ossetia.com/20220102/khanykaty-larisa-syrkh-zona-yy-ana-volontertay-zyn-u-14999016.html
Хӕныкъаты Лариса: "Сырх зонӕ"-йы ӕнӕ волонтертӕй зын у
Хӕныкъаты Лариса: "Сырх зонӕ"-йы ӕнӕ волонтертӕй зын у
Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыккаг аз нӕм коронавирусы инфекцийӕн йӕ кой нӕ сӕфы. Раздӕры вирус фӕивта ӕмӕ фӕзынд ног хуызы. Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Ларисайы ныхӕстӕм гӕсгӕ... 02.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-02T10:25+0300
2022-01-02T10:25+0300
2022-01-02T10:25+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/14/14998857_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_1f0205a3541e727cdfb883c8a0bd32b4.jpg
Хӕныкъаты Лариса: «Сырх зонӕ»-йы ӕнӕ волонтертӕй зын у
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕныкъаты Лариса: "Сырх зонӕ"-йы ӕнӕ волонтертӕй зын у
Дыккаг аз нӕм коронавирусы инфекцийӕн йӕ кой нӕ сӕфы. Раздӕры вирус фӕивта ӕмӕ фӕзынд ног хуызы. Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Ларисайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн уавӕр чысыл фӕхуыздӕр, фӕлӕ "Сырх зонӕ" уӕддӕр актуалон у. Хӕныкъаты Лариса куыд банысан кодта, афтӕмӕй пациент куы нӕ хуыздӕр кӕны, уӕд дохтырӕн уӕлдай зын вӕййы. "Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цас фылдӕр сты рынчынтӕ, уас нын зындӕр у кусын" - банысан кодта Хӕныкъаты Лариса. Сӕйраг педиатр бузныг загъта волонтертӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уыдоны ‘ххуысӕй "Сырх зонӕйы" кусджытӕн бирӕ фӕзындӕр уыдаид сӕ куыст.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/14/14998857_245:0:2974:2047_1920x0_80_0_0_50d776b3ce29589ec0cdc152ed2a5ea4.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
Хӕныкъаты Лариса: "Сырх зонӕ"-йы ӕнӕ волонтертӕй зын у
Дыккаг аз нӕм коронавирусы инфекцийӕн йӕ кой нӕ сӕфы. Раздӕры вирус фӕивта ӕмӕ фӕзынд ног хуызы. Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Ларисайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн уавӕр чысыл фӕхуыздӕр, фӕлӕ "Сырх зонӕ" уӕддӕр актуалон у.
"Нӕ персонал ахӕм куыст бакодтой ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Тынг райгонд дӕн сӕ куыстӕй. Уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, дохтырӕн ӕмӕ персоналӕн дӕр, рынчынӕн йе ‘нӕниздзинад куы фӕхуыздӕр вӕййы", - радзырдта дохтыр.
Хӕныкъаты Лариса куыд банысан кодта, афтӕмӕй пациент куы нӕ хуыздӕр кӕны, уӕд дохтырӕн уӕлдай зын вӕййы.
"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цас фылдӕр сты рынчынтӕ, уас нын зындӕр у кусын" - банысан кодта Хӕныкъаты Лариса.
Сӕйраг педиатр бузныг загъта волонтертӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уыдоны ‘ххуысӕй "Сырх зонӕйы" кусджытӕн бирӕ фӕзындӕр уыдаид сӕ куыст.