Хъодалаты Мария: преми "Булӕмӕргъ" мын ссис ӕнӕнхъӕлӕджы цау

Хъодалаты Мария: преми «Булӕмӕргъ» мын ссис ӕнӕнхъӕлӕджы цау
Рафыссын
Ацы аз 16 ноябры ацыд литературон преми "Булӕмӕргъ" раттыны официалон церемони. Ӕвзонг музыкант, зарӕггӕнӕг Хъодалаты Мария ссис ацы премийы лауреат, ӕмӕ йын, музыканты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ссис ӕнӕнхъӕлӕджы цау.
"Тынг тыхстӕн, уымӕн ӕмӕ залы бадтысты президент ӕмӕ ӕндӕр стыр адӕм. Зард куы фестӕм, уӕд сценӕйӕ хъуамӕ ахызтаиккам, фӕлӕ нӕ ӕрурӕдтой. Мадзалы амонӕг райдыдта дзурын мӕ аивадыл ӕмӕ мӕ ӕвиппайды уырнгӕ дӕр нӕ бакодта", - загъта Мария.
Музыкант куыд банысан кодта, афтӕмӕй, преми райстой, зарӕггӕнӕг Джиоты Любаимӕ ирон ӕвзаг кӕй популяризаци кӕнынц зарджыты ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты руаджы, уый тыххӕй.
"Иронау фыссын ӕрмӕст зарджытӕн ныхӕстӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ та уырыссаг ӕвзагыл, фӕлӕ хъуыды кӕнын, цӕмӕй иронау дӕр ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын райдайон", - бафиппайдта Мария.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0