Хъодалаты Мария: хаттӕй-хатт аивады бамбӕхсын

Рафыссын
Ӕвзонг музыкант, зарӕггӕнӕг Хъодалаты Мария радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта аивад йӕ царды цы бынат ахсы, уый тыххӕй. Уый куыд загъты уымӕ гӕсгӕ, музыка йӕ царды ахсджиаг бынат ахсы.
"Ныры реалиты цӕрын мын тынг зын у, уымӕн ӕмӕ арфдӕр ӕнкърыс дӕ алыварс цы цӕуы уыдон, ӕмӕ уымӕй бамбӕхсын аивады", - загъта Мария.
Марияйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ног азмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы алӕмӕттаг цӕстӕй. Ахӕм бӕрӕгбонты адӕмӕн сӕ циндзинад вӕййы иу.
"Бирӕ хатт раттын мӕхицӕн бар цӕмӕй архӕндӕг кӕнон, фӕлӕ фылдӕр хатт фӕтых вӕййын уыцы ӕрхӕндӕгыл. Цард диссаг у, ӕмӕ ӕз та цӕрын уарзын", - банысан кодта музыкант.
Хъодалаты Мария бафиппайдта, Гаглойты Славайы зарджытӕ йын кӕй ӕвзарын кӕнынц диссаджы аивадон ӕнкъарӕнтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0