https://sputnik-ossetia.com/20220108/khanykaty-larisa-praktika-avdisy-sabita-antsondaray-kay-akhassynts-covid-19---14996142.html
Хӕныкъаты Лариса: практикӕ ӕвдисы, сабитӕ ӕнцондӕрӕй кӕй ахӕссынц COVID-19
Хӕныкъаты Лариса: практикӕ ӕвдисы, сабитӕ ӕнцондӕрӕй кӕй ахӕссынц COVID-19
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныры дуг нын йӕ хӕрзиуджытӕй дарддӕр балӕвар кодта карз формӕ ног низ - COVID-19, кӕцы апарахат ис ӕнӕхъӕн дунейыл. Кӕд ӕмӕ дзы йӕ райдайӕны фылдӕр бӕрцӕй... 08.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-08T11:07+0300
2022-01-08T11:07+0300
2022-01-08T11:07+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/14/14995958_28:0:974:532_1920x0_80_0_0_618e6393e2a51af3972175ef7e3dfd04.png
Ныры дуг нын йӕ хӕрзиуджытӕй дарддӕр балӕвар кодта карз формӕ ног низ - COVID-19, кӕцы апарахат ис ӕнӕхъӕн дунейыл. Кӕд ӕмӕ дзы йӕ райдайӕны фылдӕр бӕрцӕй хистӕр кары адӕм рынчын кодтой, уӕд ныр та сывӕллӕттӕ дӕр арӕх фӕрынчын вӕййынц. Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Лариса куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ ӕнцондӕрӕй ахӕссынц коронавирусы инфекци.Хӕныкъаты Лариса куыд банысан кодта, афтӕмӕй коронавирусы инфекци адӕймагӕн йӕ алы уӕнг дӕр бахъыгдары, фӕлӕ рӕстӕг ӕмӕ практикӕ ӕвдисынц, сывӕллӕтӕн пневмони стӕмдӕр хатт кӕй вӕййы."Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сывӕллӕттӕн хъӕуы хос кӕнын, цӕмӕй низ мацы фӕд ныууадза", - бафиппайдта дохтыр.Сабитӕн цавӕр формӕ хоскӕнын хъӕуы - стационарон ӕви амбулаторон, уый бӕрӕг кӕнынц рынчыны уавӕрмӕ гӕсгӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/14/14995958_265:0:974:532_1920x0_80_0_0_bdfed7a84a96c1c142587f61b63fd9ba.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , видео
хуссар ирыстоны, радио иронау , видео
Хӕныкъаты Лариса: практикӕ ӕвдисы, сабитӕ ӕнцондӕрӕй кӕй ахӕссынц COVID-19
Ныры дуг нын йӕ хӕрзиуджытӕй дарддӕр балӕвар кодта карз формӕ ног низ - COVID-19, кӕцы апарахат ис ӕнӕхъӕн дунейыл. Кӕд ӕмӕ дзы йӕ райдайӕны фылдӕр бӕрцӕй хистӕр кары адӕм рынчын кодтой, уӕд ныр та сывӕллӕттӕ дӕр арӕх фӕрынчын вӕййынц. Республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Лариса куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ ӕнцондӕрӕй ахӕссынц коронавирусы инфекци.
"Коронавирус зын у ахицӕн кӕнын респираторон вирусӕй, уымӕн ӕмӕ сын ӕмхуызон бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы сыразын ПЦР-тест, лабораторон анализтӕ", - загъта сӕйраг педиатр.
Хӕныкъаты Лариса куыд банысан кодта, афтӕмӕй коронавирусы инфекци адӕймагӕн йӕ алы уӕнг дӕр бахъыгдары, фӕлӕ рӕстӕг ӕмӕ практикӕ ӕвдисынц, сывӕллӕтӕн пневмони стӕмдӕр хатт кӕй вӕййы.
"Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сывӕллӕттӕн хъӕуы хос кӕнын, цӕмӕй низ мацы фӕд ныууадза", - бафиппайдта дохтыр.
Сабитӕн цавӕр формӕ хоскӕнын хъӕуы - стационарон ӕви амбулаторон, уый бӕрӕг кӕнынц рынчыны уавӕрмӕ гӕсгӕ.