Цхинвайлаг боксертӕ стох кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы

© Из личного архива А. ДзигоеваЦхинвайлаг боксертӕ стох кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы
Цхинвайлаг боксертӕ стох кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цыппар цӕттӕдӕр боксеры стох кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны ӕппӕтреспубликон ерысты ӕрыгӕтты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Командӕйы сконды сты Ӕлборты Сослан, Икъоты Тамерлан, Джиоты Дауыт ӕмӕ Багаты Дмитрий.

"Абон лӕппутӕ бацӕудзысты тохты. Спаррингты архайынц 17 ӕмӕ 18 азы кары цӕттӕдӕр фӕсивӕд. Ам скъуыддзаг цӕуы бӕрзонддӕр ӕмвӕзады ерысты Ирыстоны кад чи хъахъхъӕндзӕн, уыдон", - загъта тренер.

Уый ма радзырдта, Хуссар Ирыстоны архайгӕ ӕнтыстджындӕр боксер Гӕджиты Гурам фӕрынчын, уымӕ гӕсгӕ тохты нӕ архайы.
"Уый спаррингты нӕ архайы, фӕлӕ йӕ спортивон карьерӕ хынцгӕйӕ, уымӕн йӕ бынат командӕйы сконды у цӕттӕ", - бафтыдта уый.
Ерыстӕ цӕудзысты ӕртӕ боны дӕргъы Дзӕуджыхъӕуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0