Дзауы скъола-интернаты ахуырдзау Митын Дадайӕ ракуырдта лӕвар сидзӕрдонӕн

© YouTube / ГТРК "Ир"Конфеты
Конфеты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2022
Рафыссын
Проект "Бӕллицты фонтан"-ы автор радзырдта, 300-йӕ фылдӕр фыстӕджы хсӕн ацы лӕппуйы бӕллиц кӕй хаудта цӕсты. Гӕнӕн ис ӕмӕ скъоладзау бахауа "Азы гоймаджы" номинацимӕ.
ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы скъола-интернаты 11-ӕм къласы ахуырдзау Гаглойты Родион Ног азмӕ Митын Дадайӕ ракуырдта 50 кг конфеттӕ Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Гӕбӕраты Дзерассӕ.
Ахуырдзау йӕ бӕллиц ныффыста хӕрзаудӕн проект "Бӕллицты фонтан"-ы Митын Дадамӕ. Хӕрзгӕнӕджы фӕлгонцы ралӕууыд Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Дзабиты Ӕхсар.
"Ног азмӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕрӕвдыд нӕ уыдысты, нырма дӕр уагдоны ис адджинӕгтӕ. Фӕлӕ Гаглойты Родионы ӕрцыдыл тынг фӕцин кодтой, хорз кӕстӕр у. Схӕлар ис йе 'мкаронтимӕ, уый фӕстӕ дӕр кӕрӕдзимӕ фӕдзурынц. Уазӕг сын ирон ӕвзагыл зарӕг дӕр сӕххӕст кодта", - загъта Гӕбӕраты Дзерассӕ.
Проект "Бӕллицты фонтан"-ы автор Хъуылымбегты Елена радзырдта Sputnik, 300-йӕ фылдӕр фыстӕджы хсӕн ацы лӕппуйы бӕллиц кӕй хаудта цӕсты. Гӕнӕн ис ӕмӕ скъоладзау бахауа "Азы гоймаджы" номинацимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0