Хуссар Иры сырдты бахъахъхъӕнынӕн тобӕ сӕвӕрдтой цуаныл

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦуан
Цуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ян - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сырдтыл цуан кӕнын фылдӕр бӕрцӕй у тобӕгонд, фехъусын кодта Sputnik геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзон ресурсты комитеты хистӕр Бестауты Бала.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, раздӕр Ирыстоны хӕхтӕ дзаг уыдысты сычъийы рӕгъӕуттӕй.

"Цалынмӕ цуан кӕныны ӕгъдау фӕзына, уӕдмӕ сӕвӕрдтам тобӕ. Ӕрмӕст фӕлтӕхӕг маргъы ис цуан кӕнӕн ӕмӕ тугдзых сырдты чи куынӕг кӕны, ахӕм цуанонтӕн лӕггады хуызы дӕттӕм арсыл цуанӕн билеттӕ", - загъта Бестауты Бала.

Уый ма бафтыдта, сӕрмагонд разыдзинад ма гӕнӕн ис райсын арс-шатуныл цуан кӕнынӕн.
"Арс шатун, кӕцы зымӕг нӕ фынӕй кӕны ӕмӕ лӕбуры хӕдзарон фосмӕ, уыдоныл бар дӕттӕм, ӕрмӕст хъӕуы гӕххӕтыты бацӕттӕ кӕнын. Цы хъӕумӕ хӕстӕг ис, уый хъӕууон советӕй хъӕуы фадыгонӕй райсын бар", - бафтыдта уый.
Бестауты Балайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕгъ ӕмӕ шакалтыл цуан кӕнын
Ног хабӕртты лентӕ
0