Сау уасӕг ӕмӕ ӕнӕ цырагъӕй: куыд ӕмбӕлдысты Иры Бынаты ӕхсӕвыл

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæСау уасӕг
Сау уасӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны дыццӕджы изӕр нысан кӕнынц Бынаты ӕхсӕв. Ацы изӕрмӕ алы бинонтӕ дӕр бацархайынц самал кӕнын таргъуыз уасӕг. Бынаты хицауы фынгӕй та бацаходӕн вӕййы ӕрмӕст хӕдзары бинонтӕн, радзырдта Sputnik этнограф, историон зонӕдты кандидат, публицист Хъуылымбегты Роберт.
Ацы бонмӕ базары сбирӕ вӕййынц уӕййаг уасджытӕ, ӕлхӕнӕг дӕр къаддӕр нӕ вӕййы. Уӕлдай зынаргъ вӕййы сау маргъ.

Кӕд вӕййы Бынаты ӕхсӕв

Амындмӕ гӕсгӕ, ӕрвылаз ирон адӕм нысан кӕнынц Бынаты ӕхсӕв Цыппурс ӕмӕ Зӕронд ног азы хсӕн дыццӕджы.
"Дыццӕджы куы баизӕр вӕййы, уӕд алыхатт дӕр нымад цӕуы бынаты ӕхсӕвыл. Фӕлӕ азы райдайӕны та сӕйраг бынаты ӕхсӕв вӕййы Цыппурс ӕмӕ Зӕронд ног азы хсӕн", - загъта Хъуылымбегты Роберт.
Бынаты ӕхсӕвы-иу ирон адӕмы фыдӕлтӕ сӕ бинонты фӕдзӕхстой сыгъдӕг зӕдтӕн нӕ, фӕлӕ сау тыхӕн.
Уӕливыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.01.2022
Уӕливыхтӕ, ӕртхурон ӕмӕ басылтӕ: рагон ирон Ног боны традицитӕй цы рхӕццӕ ис
"Ирон адӕмы ӕмбарынады уыд куыд сыгъдӕг тых, афтӕ дӕлимонтӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ кӕд ис бон, уӕд ӕхсӕв дӕр. Бынаты ӕхсӕв ӕрвыстой хатджытӕ, ног чындзы та ацы бон фӕдзӕхстой ног бынатӕн", - бафтыдта уый.

Цӕмӕй цыт кӕнынц Бынаты хицауӕн

Бынаты ӕхсӕвы сӕйраг атрибуттӕй иу у сау уасӕг, фӕлӕ ма уымӕй дарддӕр ацы бонӕн ис йӕхи фӕтк.
"Самал-иу кодтой сау, науӕд тар уасӕг, уымӕн ӕмӕ сӕхи фӕдзӕхсынц сау тыхӕн, стӕй йын талынджы дӕр уымӕн фӕкувынц. Кувӕндонмӕ та ӕнӕмӕнг у урс ӕнӕ сау тӕппӕй фыр снывонд кӕнын", - загъта этнограф.
Бынаты ӕхсӕвы фынгыл фыццаг куывд у бынаты хицауӕн. Уымӕй курынц, цӕмӕй сӕ бахиза ӕндӕр сау тыхтӕй дӕр.
"Фыццаг куывд скӕны хӕдзары хицау. Уый курӕг вӕййы Бынаты хицауӕй ӕвзӕр цӕст ӕмӕ ӕвзӕр уазӕгӕй бахизын ӕмӕ ма ӕгӕрыстӕмӕй ӕндӕр Сау тыхӕй дӕр бааууон кӕнын бинонты. Дыккаг куывд у ӕфсины, уымӕн ӕмӕ Бынаты хицау ӕввахсдӕр у ӕфсинмӕ. Уый у къӕбицы хицау", - банысан кодта ахуыргонд.
Сӕйраг куывдты фӕстӕ фынгмӕ фӕхонынц Бынаты хицауы.
© Sputnik / Александр Поляковсау маргъ
Черные куры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2022
сау маргъ
"Бинонтӕ ахуыссын кӕнынц рухсытӕ хӕдзары ӕмӕ ахизынц ӕддӕмӕ. Ӕмӕ цалдӕр минут ныууадзынц фынг бынаты хицауӕн. Уый фӕстӕ баздӕхынц ӕмӕ райдайынц хуымӕтӕг куывдтӕ", - радзырдта уый.

Ӕнӕ цырагъӕй ӕмӕ ӕрмӕст бинонты фынг

Историк ма бамбарын кодта, Бынаты ӕхсӕвы кӕй не мбӕлы цырагъ судзын - уымӕй гӕнӕн ис фӕхъыг кӕнай бынаты хицауы. Стӕй ма нывонд уасӕджы стджытӕн ӕппарӕн нӕй - уыдон йӕ пакъуыимӕ хъуамӕ ӕрцӕуой ныгӕд. Ацы фынджы хӕринагӕй бацаходӕн ис ӕрмӕст хӕдзары цӕрджытӕн.

Бынаты хицауы ӕддаг бакаст

Ирон адӕмы ӕмбарынады Бынаты хицау разыны бирӕ хуызты - сӕ нымӕцы карджын лӕг, сылгоймаг ӕмӕ ӕгӕрыстӕмӕй мигъгондӕй дӕр, нымайы респондент.
"Арӕхдӕр ӕй фены хӕдзары ӕфсин", - бахахх кодта уый.
Ахуыргонд ма балхынцъ кодта, зӕгъгӕ, ацы ӕгъдау ӕнусты сӕрты не 'рхӕццӕ уыдаид ныры онг, царды йын бындур куыннӕ уыдаид, уӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0