Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутӕ равдисдзысты мюзикл "Ногазон бӕллицты фонтан"

© Пресс-служба президента РЮОТеатралон равдыст
Театралон равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Столицӕйы скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ январы кӕрӕтты равдисдзысты ногазон равдыст сӕ хӕрзгӕнджытӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта скъола-интернаты педагог-организатор Харебаты Марина.
"Скъола-интернаты сывӕллӕттӕ фыццаг хатт нӕ уадзынц ногазон акци адӕмӕн, кӕцытӕ хайад райстой хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы. Нӕ мюзиклы руаджы мах бузныг дзурӕм адӕмӕн, кӕцытӕ сарӕзтой хорз хъуыддаг", - банысан кодта уый.
Театралон равдыст сывӕллӕттӕ фыццаг аз нӕ уадзынц.
"Хъыгагӕн, фарон пандемийы аххосӕй йӕ нӕ ауагътам. Спектакль ацӕудзӕн Совпрофы залы дыууӕ къуырийы фӕстӕ. Ацы хатт дзы хайад райсдзысты 60 сывӕллонӕй фылдӕр, кӕцытӕ равдисдзысты сӕ курдиат", - банысан кодта Харебаты Марина.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕхондзысты Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ Дзауы скъола интернаты хъомылгӕнинӕгты дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0