Йӕ цардӕй ахицӕн журналист ӕмӕ телеамонӕг Михаил Зеленский

© Sputnik / Евгений Самарин /  Ахизын медиабанкмæТелеамонӕг Михаил Зеленский
Телеамонӕг Михаил Зеленский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik. Йӕ цардӕй ахицӕн зындгонд уӕрӕсейаг тележурналист Михаил Зеленский, хъусын кӕны РИА Новости.
Трагеди ӕрцыд Доминиканайы, цы ран Зеленский ӕрвыста йӕ улӕфт бонтӕ. Нысангонд ӕрцыд, журналист йӕхи ӕвзӕр хатын кӕй райдыдта, медиктӕн нӕ бантыст ӕй фервӕзын кӕнын. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уымӕн уыд инсульт.
Журналистыл цыд 46 азы.
Михаил Зеленский 1997-1999 азты куыста информацион программӕты амонӕгӕй "Радио России - Ностальжи" ӕмӕ телеканал ТВ-Центры. 1999 азӕй фӕстӕмӕ уагъта программӕтӕ "Вести" ӕмӕ "Вести-Москва", афтӕ ма ток-шоу "Прямой эфир" канал "Россия 1"-ыл, уыд ног хабӕртты амонӕг канал "Россия 24"-ыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0