Футболон командӕ "Барсалантӕн" фӕзынд сӕхи гимн: автор ӕй ныффыста иу бонмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Гӕбӕраты Алзира
Гӕбӕраты Алзира - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Сфӕлдыстадон коллектив "Звездный Юг"-ы разамонӕг, зарджыты автор Гӕбӕраты Алзира ныффыста музыкалон композици футболон командӕ "Барсалантӕн". Гӕбӕраты Алзира куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй зарӕг "Барсаланы вперед!" у уӕлахизмӕ тырнындзинадыл.
"Сывӕллӕтты архайд ӕмӕ командӕйы тренер Хъазиты Аланы куыст куы федтон, уӕд мӕм фӕзынд хъуыды ныффысын ацы зарӕг. Арӕзт ӕрцыд иу бонмӕ, ӕвзонг футболисттӕ Сочийы ерыстӕм куы ацыдысты, уӕд. Куысты цалдӕр сахаты фӕстӕ ӕз арвыстон зарӕджы вариант командӕйы тренермӕ, ӕмӕ йӕ уым спортсментӕй иу сӕххӕст кодта футболон быдырыл", - банысан кодта уый.
Алзирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ зарӕг йын сӕххӕст кӕндзӕн хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Хаситы Сослан, фӕлӕ зарӕджы вариант гӕнӕн ис сӕххӕст кӕна футболон командӕйы хайадисджытӕй иу.
Ног хабӕртты лентӕ
0