Хуссар Иры декабры ӕрурӕдтой ӕрдӕг сӕдӕйӕ фылдӕр арӕнхалӕджы

© Sputnik / Natalia AiriyanПаддзахадон арӕн
Паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады комитеты ныммыхуыр кодтой ивгъуыд азы фӕстаг мӕйы паддзахадон арӕны фехӕлдты статистикӕ. Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, декабры республикӕйы арӕнгӕрон законад фехӕлдтой 55 адӕймаджы, уыдоны фылдӕр хай фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, аннӕтӕ та арӕнгӕрон режим.
"Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны фадгуытыл 2021 азы декабры ӕрурӕдтой 55 арӕнхалӕджы. Уыдонӕй 33 фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 22 та арӕнгӕрон режим. ПӔК арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕрсттӕ алкӕцы цауы фӕдыл", - хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
ПӔК банысан кодтой, арӕнхалджыты кӕй ӕрбаздахтой административон бӕрндзинадмӕ. Уый фӕстиуӕгӕн 25 адӕймаджы фӕивар кодтой, авды феддӕдуар кодтой Хуссар Ирыстоны территорийы ӕнӕ иварон санкцитӕй, ноджы авд адӕймаджы та бафӕдзӕхстой.
"Дӕс адӕймаджы фӕдыл бакодтой административон хъуыддӕгтӕ, ӕхсӕзы фӕдыл та уголовон хъуыддӕгтӕ", - бахахх кодтой уагдоны.
Комитеты зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, арӕнхалджытӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0