Ӕвзонг назтӕ хус бӕлӕсты бӕсты: Цхинвалы ног кӕнынц цъӕх зонӕтӕ

© pixabay / manfredrichterЦъӕх наз
Цъӕх наз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы къухдариуӕгад ног кӕны централон уынгтӕй иу – Путины уынджы – цъӕх зонӕтӕ. Абоны бонмӕ хӕрзарӕзтады дӕлхайады кусджытӕ Хъӕды хӕдзарады специалисттимӕ иумӕ басгӕрстой хихджын бӕлӕсты уавӕр ӕмӕ ракалдтой рынчын бӕлӕстӕ. Зӕронд бӕлӕсты бынаты садзынц цъӕх назы талатӕ.
Столицӕйы администрацийы хӕрзарӕзтады дӕлхайады куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй ахӕм мадзал у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ, уымӕн ӕмӕ бӕлӕстӕ тӕссаг сты горӕты цӕрджытӕн.
"Уыд цаутӕ, бӕлӕстӕ фӕндагмӕ куы ӕрхаудтой. Мах бадзырдтам горӕты администрацимӕ хъӕппӕрисимӕ, цӕмӕй саразӕм къамис бӕлӕсты уавӕр басгарыны фӕдыл", - радзырдтой дӕлхайады.
Администрацийы ма банысан кодтой, Цхинвалы фӕндӕгты реконструкцийы рӕстӕджы бахъыгдард сты дӕсгай бӕлӕстӕ.
"Къамис ӕрӕмбырд кодтам. Уый эффективон куыст кӕны цалдӕр азы дӕргъы. Басгӕрстам Путины уынджы бӕлӕсты уидагон системӕ ӕмӕ специалисттӕ аскъуыддзаг кодтой, уыдон кӕй сты "аварион" уавӕры. Алкӕцы бӕласы фӕдыл дӕр сарӕзтам акттӕ ӕмӕ бавнӕлдтам сӕ калынмӕ", - банысан кодтой столицӕйы хӕрзарӕзтады дӕлхайады.
Мэрияйы бахахх кодтой, Путины уынгыл кӕй ныссагътой 35 ӕвзонг бӕласы.
Ног хабӕртты лентӕ
0