Дзауы цӕрджытӕн ис "коллективон иммунитет ковидмӕ", загъта районы рынчындоны сӕйраг дохтыр

© Sputnik / Natalia AiriyanДзау
Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цӕрджытӕн фӕзынд "коллективон иммунитет коронавирусмӕ", радзырдта Sputnik районон рынчындоны сӕйраг дохтыр Гасситы Константин.
"Ныртӕккӕ зӕгъӕн ис, махмӕ пандеми кӕй нал ис, уымӕн ӕмӕ адӕм массон рынчын нал кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй, иугай адӕм фӕрынчын вӕййынц, кӕцытӕ кӕнӕ хӕдзӕртты хос кӕнынц, кӕнӕ та сӕ стӕм хатт арвитӕм РБМЦ инфекцион хайадмӕ. Гӕнӕн ис зӕгъын, махмӕ кӕй фӕзынд коллективон иммунитет", - радзырдта сӕйраг дохтыр.
Афтӕ ма Гасситы Константин радзырдта вирусы ног штамм SARS-CoV-2 "омикрон"-ы фӕзынды тыххӕй Хуссар Ирыстоны территорийыл.
"Уӕрӕсейы сбӕрӕг кодтой "омикрон"-ӕй фыццаг рынчыныты, ӕмӕ гӕнӕн ис ацы вирус махмӕ дӕр ӕрхӕццӕ уа. Цӕрджытӕн ацы коллективон иммунитет уыдзӕн сӕрды онг, уый фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм коронавирусӕй рынчынкӕнынады фӕфылдӕрмӕ", - банысан кодта уый.
Афтӕ ма районон сӕйраг дохтыр фехъусын кодта, цы зындзинӕдтӕ уыд рынчындоны коронавирусы пандемийы рӕстӕджы.
"Махӕн уыд проблемӕ санитарон транспортимӕ. Ӕз бадзырдтон ӕххуысмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сосланмӕ, ӕмӕ ацы проблемӕ аскъуыддзаг ис. Махӕн рахицӕн кодтой реанимобиль, кӕцыйы ис ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ифтонггарз", - бафтыдта Гасситы Константин.
Хуссар Ирыстоны абон бонмӕ сбӕрӕг кодтой 10 422 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 10 205 адӕймаджы сӕнӕниз сты.
Ног хабӕртты лентӕ
0