Дзæуджыхъæуы байгом Сергей Бодровы номарæн равдыст

© Кинокомпания СТВ, 2002Сергей Бодров
Сергей Бодров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Дзæуджыхъæуы байгом актёр æмæ режиссёр Сергей Бодровы номыл равдыст, хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Презентацийы равдыстой актёры царды тыххæй документалон киноныв. Мадзалы фенæн ис Ульяновскæй нывгæнæг Михаил Черновы куыстытæ.
"Нывгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй Сергей Бодровы сфæлдыстад йæ зæрдæмæ йæ сабибонтæй цыд. Ирыстонмæ абалц кæнын уыд йæ бæллиц. Йæхи цæстытæй йӕ фенын фӕндыд, номдзыд режиссёр æмæ актер цы бынаты фæмард, уый", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 2002 азы сентябры Сергей Бодров, йе сфæлдыстадон къорд æмæ бæхты театр "Нарты"-йы солисттæ фæмард сты, Гæналдоны комы Хъолайы цъити кæй ратыдта, уый аххосæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0