Ирыстоны 30 хъӕбысӕйхӕцӕгӕй фылдӕр хайад райсдзысты Гран-при "Иван Ярыгин — 2022" турниры

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Гран-при "Иван Ярыгин — 2022" Цӕгат Ирыстоны кад хъахъхъӕндзысты 35 спортсмены. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Республикӕйы сӕйраг тренер Гозымты Хетӕг радзырдта, ныртӕккӕ кӕй цӕуы ерыстӕм цӕттӕкӕнынады кӕронбӕттӕн этап ӕмӕ бахахх кодта, нырма бӕрӕг кӕй нӕу командӕйы лидертӕ – Сидахъты Зауырбег ӕмӕ Найфонты Артуры - хайадист турниры.
Специалист бафтыдта, зӕгъгӕ, командӕйӕн ахсджиаг у равдисын аккаг хъӕбысхӕст ерысты.
"Фӕнды мӕ фенын ног нӕмттӕ, цӕмӕй фӕсивӕд сӕхи равдисой, лидертӕ та равдисой сӕ курдиат ӕмӕ райсой аккаг фӕстиуджытӕ. Мах уадзӕм тренировкӕты процесс ӕххӕст бӕрцуатӕй ӕмӕ уынӕм, фӕсивӕдӕн кӕй ис хорз мотиваци. Гран-при "Иван Ярыгин" у ахсджиаг турнир, уым рамбулгӕйӕ, спортсмен ныффыссы йӕ ном уӕгъдибар хъӕбысхӕсты историйы", - банысан кодта тренер.
Ивгъуыд ерысты фӕстиуӕгӕнӕн Красноярскы ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой авд хорзӕхы. Пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ схызтысты Хӕдӕрцаты Алик (65 кг) ӕмӕ Черткоты Гурам (92 кг). Ӕвзист майдан рамбылдта Тӕпсиаты Тамерлан (92 кг). "Бронзӕ" та райстой Байты Давид (70 кг), Уалыты Владислав (86 кг), Дзугаты Дэвид (97 кг) ӕмӕ Голойты Виталий (125 кг).
Ног хабӕртты лентӕ
0