Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта COVID-19-ы бӕрӕггӕнӕнтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanКовид
Ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 42 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 128 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг тест разынд 42 адӕймагӕн. Иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой фондз пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 217 адӕймаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 205.
Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 57 565 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 422 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0