Ӕхсӕз хуссарирыстойнаг ӕрмхӕцӕджы ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ

© Из архива тренера Валерия Джиоева Хуссар Иры ӕхсӕз ӕрмхӕцӕджы ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ
Хуссар Иры ӕхсӕз ӕрмхӕцӕджы ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2022
Рафыссын
Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ иууылдӕр сты Цӕгат Иры фыццагады уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ
ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрмхӕцджытӕ ӕхсӕзӕй ахызтысты Уӕрӕсейӕ фыццагадмӕ Цӕгат Ирыстоны ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik армрестлингы тренер Джиоты Валерий.
Фӕсивӕд иууылдӕр ссисты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ.
"Юниорты хсӕн уӕлахиздзау ссис Джиоты Родион, дыккаг призер та ссис Дзигойты Стелла, ахӕм ӕнтыст бафтыд Кокойты Дауыты къухы дӕр", - загъта Джиоты Валерий.
Хуссар Ирыстоны командӕйӕ ма ноджы ӕртӕ расгуыхтысты фӕсивӕды хсӕн.
"Хӕбӕлаты Арсен у ерысты уӕлахиздзау. Сиукъаты Родион ацыд дыккаг бынатыл ӕмӕ ӕртыккаг призер та ссис Куыдзеты Эльдар", - батыдта тренер.
Ӕмткӕй Хуссар Ирыстоны командӕйы хыгъды ис дыууӕ сызгъӕрин, ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майдан. Сӕ хицӕуттӕ та се 'ппӕт дӕр марты тох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады.
Республикӕйы командӕйы сконды уыдысты тренертӕ Джиоты Валерий, Коцты Дмитрий ӕмӕ Бететы Аланы хъомылгӕнинӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0