Остъаты Алан: Наниты Асиатӕн бантыст бирӕ нӕлгоймаг фысджытӕй фылдӕр

Остъаты Алан: Наниты Асиатӕн бантыст бирӕ нӕлгоймаг фысджытӕй фылдӕр
Рафыссын
Наниты Асиат Хуссар Ирыстоны зындгонд у куыд сабиты фыссӕг, публицист, тӕлмацгӕнӕг. Уый 18 январы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон. Фыссӕг, журналист Остъаты Алан стыр аргъ кӕны Наниты Асиаты сфӕлдыстадӕн. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Асиатӕн бирӕ нӕлгоймаг фысджытӕй фылдӕр бантыст.
"Нӕлгоймаг фыссӕг куы ӕрбады йӕ фыссыныл, уӕд ӕй хӕдзары хъуыддӕгтӕ уадиссаг нӕ фендавынц, уымӕн ӕмӕ хӕдзары ис сылгоймаг. Фӕлӕ сылгоймаг уӕвгӕйӕ ма фыссӕг дӕр куы уай, ӕмӕ ма хӕдзары уӕз дӕр дӕ уӕхсджытыл куы уа, уымӕн хъӕуы стыр тых. Асиат у ахӕм тыхджын сылгоймаг", - радзырдта Алан.
Асиаты сфӕлдыстадӕй Остъаты Алан уӕлдай рахицӕн кодта, Хуссар Ирыстоны фӕстаг цаутыл цы уацмыстӕ ныффыста, уыдон.
Наниты Асиат бирӕ ӕзты кусы журнал "Фидиуӕг"-ы редкцийы ӕмӕ, Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый стыр хай бавӕрдта журнал бахъахъхъӕныны куысты.
"Ноджы ма мӕ фӕнды зӕгъын, ӕмӕ журнал "Фидиуӕг"-ӕн дӕр Асиат тынг кӕй балӕггад кодта, уымӕн ӕмӕ уӕззау рӕстӕджыты дӕр журнал йӕ цӕуынӕй не ‘рлӕууыд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы ӕндӕр чидӕртӕ куы куыстаиккой, уӕд ӕхгӕд дӕр ӕрцыдаид", - банысан кодта фыссӕг.
Остъаты Алан уӕлдай хорзӕхыл нымайы, Асиаты хуызӕн хистӕр кары адӕмимӕ йын кӕй ӕнтысы кусын ӕмӕ йын кӕй ис фадат сӕ фӕлтӕрдзинадмӕ бакӕсын.
Ног хабӕртты лентӕ
0