"Сызгъӕрин интеллигенци": Цхинвалы центры сараздзысты Национ кады аллей

© Sputnik / Наталья АйриянХУссар Иры национ библиотекӕ
ХУссар Иры национ библиотекӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы раз сараздзысты Национ кады аллей, фехъусын кодта Sputnik проекты инициатор Хъоцыты Андрей.
Национ кады аллейы хъӕппӕрис райста Культурӕйы министрады разыдзинад.
"Рагӕй хастам ацы хъуыды, цӕмӕй республикон библиотекӕйы раз сырӕза Национ кады аллей. Нӕ хъуыды нын фехъуыста Культурӕйы министрад ӕмӕ райдыдта проект ӕххӕст кӕнын. Ам уыдзӕн Хуссар Иры "сызгъӕрин интеллигенцийы" къуым, кӕцыйы минӕвӕрттӕ алыварсонӕй архайдтой размӕцыд ӕмӕ рухсадыл ", - загъта Хъоцыты Андрей.
Уый ма бафтыдта, ацы хъуыддаг ахъаз кӕй уыдзӕн рӕзгӕ фӕлтӕрты Ирыстоны номдзыд адӕмимӕ зонгӕ кӕнынӕн.
Проект ӕххӕст кӕнынмӕ ныридӕгӕн бавнӕлдтой, фыццаг уал уым сӕвӕрдзысты инженер, Ручъы тоннелы автор Гаглойты Рутены бюст. Бацӕттӕ йӕ кодта сгуыхт нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт.
"Фыццаг бюст у цӕттӕ. Ӕмткӕй дзы уыдзӕн аст цырты бӕрц. Кӕй бюст уыдзӕн радон, уыцы фарст скъуыддзаг кӕнынц заказгӕнджытӕ", - загъта нывгӕнӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0