Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 63 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Югосетпотребнадзоры сбӕрӕг кодтой 63 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik санитарон уагдоны.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 174 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг тест разынд 63 адӕймагӕн. Иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой дӕс пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 300 адӕймаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 235. Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 57 881 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 535 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0