Наниты Асиат сылгоймаг-фыссæджы царды сусæгдзинæдты тыххӕй

Наниты Асиат сылгоймаг-фыссæджы царды сусæгдзинæдты тыххӕй
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны зындгонддӕр сылгоймаг-фысджытӕй иу - Наниты Асиат – 18 январы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон. Уый цытӕн фыссӕджы ӕрбахуыдтам Sputnik Хуссар Ирыстоны радиойы эфирмӕ, цы ран радзырдта йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй.
Наниты Асиаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2013 азы йын хицæн чиныгæй рацыдысты дæс радзырды хæсты тыххæй, æмæ дзы æрымысгæйæ бынтондӕр ницы ис.
"Æппæты фыццаг æвдыст æрцыд Нафийæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы чиныгæн алы рауагъдады дуæрттæ дæр уыдысты гом. Зæгъгæ, уæд фыст не 'рцыдысты тæвдæй, уæд ныр иу мæй дæр куы фæбадон, уæддæр дзы иу дæр нæ ныффысдзынæн. Ракетæйы нæрын æмæ цинкарты рыг куы нӕ кӕла, уæд æй нал банкъардзынæ", - дзуры фыссæг.
Асиат ӕххӕстбӕрцӕй бавзæрста ирон-гуырдзиаг хӕсты дудгæбӕттæ. Йæ фырт фыццаг бонæй фæстæмæ æхсæвы радгай лæууыдис посты. Телефонтæ нæ куыстой, æмæ адæймаг æгас у æви нæ, уый сбæрæг кæнын зын уыд.
"Цы, дам, фидар кæны адæймаджы? Дуг. Æнхъæлмæ кæсынæй дудгæбондæр ницы ис", - фидарæй зæгъы фыссæг.
Уый ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, ивгъуыд ӕнусы 20-æм азы ирон адӕмы геноциды тыххæй цъус чингуытæ фыст æрцыд æмæ-иу æрмæджытæ агуырдтой. 2008 азы хæсты æрмæджытæ куы агурой, уæд та уыдзысты цæттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0