Цӕут арӕхстгай: УУМ радзырдтой республикон ӕмӕ федералон фӕндӕгты уавӕрыл

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады хатынц бӕлццӕттӕм, цӕмӕй цӕуой арӕхстгай Транскамыл.
Уагдоны радгӕсон службӕйы радзырдтой, Транскавказы автомагистраль кусы хуымӕтӕг режимы, фӕлӕ ранӕй-рӕтты ис их ӕмӕ мит.
"Митуард дзы нӕй, фӕлӕ зымӕгон фӕндаг у фыдбылызджын ӕмӕ хъӕуы цӕуын цъусгай", - загътой уагдоны.
Уым ма бафтыдтой, республикон трассӕтӕ дӕр кусынц хорз.
"Хъӕутӕ ӕмӕ районтӕм дӕр ис фӕндаг. Фӕндӕгтыл уӕлвӕткон уавӕртӕ нӕ сывзӕрд", - бафтыдтой уым.
Ног хабӕртты лентӕ
0