Йӕ цардӕй ахицӕн Кортиаты Леван - Транскамы арӕзтады инициатортӕй иу

Кортиаты Леван  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2022
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ баиугӕнӕг фӕндаджы арӕзтады истори комкоммӕ цы адӕмы нӕмттимӕ баст у, уыдонӕй иу уыд Кортиаты Леван
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Козаты Диана. Йӕ цардӕй ахицӕн профессор, техникон зонӕдты кандидат, Уӕрӕсейаг транспортон академийы академик Кортиаты Леван.
Кортиаты Леван ӕртын азӕй фылдӕр кодта зонадон-сфӕлдыстадон куыст, уый уыд сӕдӕйӕ фылдӕр зонадон куыст ӕмӕ дӕс монографийы автор. Йӕ инженерон архайды стыр хай уый снывонд кодта Транскамы ӕмӕ Зӕрӕмӕджы ГЭС-ты арӕзтадӕн.
Историон зонӕдты кандидат, этнограф ӕмӕ журналист Хъуылымбегты Роберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Леван Исмаилы фырты царды нысан ссис Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны (Уӕрӕсейы) хсӕн фӕндагон бастдзинад срӕвдз кӕныны проблемӕ.
"Ӕрмӕст Транскам нӕу, кӕцыйы арӕзтадӕн уый снывонд кодта йӕ цард. Уый уыд уыцы арӕзтады азфыссӕг, рауагъта дыууӕ монографи Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры хсӕн транспортон бастдзинад срӕвдз кӕныны историйы фӕдыл. Тырныдта ма дыууӕ ӕфсымӕрон республикӕйы хсӕн ӕфсӕнвӕндаг айгӕрдын", - загъта историк.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Кортиаты Леуаны бӕллиц уыд Хуссар Ирыстоны саразын Транскамы музей.
Кортиаты Леван райгуырд 1939 азы 28 декабры. Ахуыр кодта хъӕууон скъолайы, уый фӕстӕ йӕ адарддӕр кодта Тбилисы. Институт фӕуыны фӕстӕ ӕрбаздӕхт Ирыстонмӕ ӕмӕ кусын райдыдта Дзауы. Хицӕн ӕзты куыста алыгъуызон бӕрнон бынӕтты, хорзӕхджын ӕрцыд бирӕнымӕц паддзахадон хорзӕхтӕй.
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2021
Хуссар Иры фӕзындзӕн Транскамы музей
Ног хабӕртты лентӕ
0