Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты рекордон нымӕц иу суткӕмӕ ацы аз

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 81 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ, фехъусын кодтой Sputnik ӕртыццӕджы санитарон уагдоны.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 246 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг тест разынд 81 адӕймагӕн. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 20 пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 361 адӕймаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 255. Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 58 095 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 616 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0