Парламенты президиум аиуварс кодта Хуссар Иры президентæн импичмент рахæссыны фарст

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламент, Цхинвал
Парламент,  Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум æртыццæджы аиуварс кодта сессимæ президенты имипиченты фарст рахæссын.
Оппозицион депутатты къорд æрæджы барвыста парламенты спикермæ фыстæг бæстæйы сæргълæууæгæн импичмент рахæссыны æнхъарæнимæ, кæцы, фыстæджы авторты хъуыдымæ гæсгæ, фехæлдта республикæйы Конституци.

"Президенты йæ бартæй фæиппæрд кæныны фарст хаст æрцыд æнæ бындурæй, уымæ 'ркæсынæн ницы æнæмæнгхъæуæгдзинад ис. Уый у мæ хъуыды, уымæ гæсгæ курын, цæмæй фарс ист æрцæуа боны фæткæй", - загъта спикер Тадтаты Алан президиумы рабадты райдианы.

Абоны рабадты президентæн импичмент рахæссыны фарст лæууыд фыццаг рады. Депутат Санахъоты Дауыт аздæхта хъусдард, зæгъгæ, фарст раст æвæрд нæу. Уымæн хъуамæ уа ахæм формулировкæ "æнхъарæн президенты ныхмæ азым рахæссыны фæдыл уый йæ бартæй ссæрибар кæныны тыххæй".
Бирæ хъаугъаты фæстæ президиумы боны фæтк фидар æрцыд æнæ импичменты фарстæй.
Парламенты сесси дæр нысангонд у æртыццæгмæ, уый хъуамæ ацæуа президиумы фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0