Поэзи æмæ æхцонад: цхинвайлаг "Порталы" ацæудзæн литературон изæр

© Sputnik / Михаил ХасиевКонцерт PORTALы
Концерт PORTALы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары арт-тыгъдад "Портал"-ы ацæудзæн поэзийы изæр, радзырдта Sputnik проекты бындурæвæрджытæй иу Джиоты Къоста.
"Кæйдæриддæр фæнды, уыдон æрбацæуæд æмæ бакæсæд сæ уарзон фысджыты æмдзæвгæтæ. Мадзал ацæудзæн 19 январы 19.00 сахатыл", - загъта Къоста.
Уый ма бафтыдта, мадзал кæй ацæудзæн санитарон-эпидемиологон арæнæвæрдтæ æххæстгæнгæйæ сезонон грипп æмæ коронавирусы апарахатты аххосæй.
Арт-тыгъдад ис Цхинвалы Ирæтты уынгыл рагондæр хæдзæрттæй иуы.
Портал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2021
"Портал" ногӕй бакодта йӕ дуӕрттӕ: Цхинвалы ацӕудзӕн ирон музыкӕйы изӕр
Ног хабӕртты лентӕ
0