Рагон ӕгъдау ӕмӕ рӕстдинон традици: куыд нысан кӕны Хуссар Ир Доныскъӕфӕн

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæДоныскъӕфӕн
Доныскъӕфӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕртыццӕджы , 19 январы Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Доныскъæфæнтæ. Чырыстон диныл хӕст адӕм абонмӕ ӕрӕмных кодтой дзуарӕфтыд райсын, рагон ӕгъдауыл хӕст адӕм та сӕумӕ райсом тындзынц фыццаг суадоны донӕй сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрбахӕссын.
Доныскъӕфӕны бӕрӕгбон чырыстон аргъуан райдайы нысан кӕнын 18 январы. Райсомӕй 19 январы доныл аргъуыды церемони ацӕуы Леуахи ӕмӕ чысыл Леуахийы, дыууӕ доны фӕуадзынц донаргъуыд. Фыд Иаков куыд амоны, афтӕмӕй ацы бон цӕугӕдӕтты бахизынц адӕм, цӕмӕй сӕ азы тӕригъӕдтӕй ссӕрибар кӕной сӕхи.
"Мах саргъауӕм Леуахийыл, фӕлӕ боны 12 сахатӕй фӕстӕмӕ дӕттӕ иууылдӕр райсынц Хуыцауы аргъуыд, уымӕ гӕсгӕ кӕцы фӕнды доны дӕр дӕхи гӕнӕн ис сыхсай", - загъта динамонӕг.
Рагон ирон æгъдау домы сæумæрайсом æппæты раздæр суадонæй дон сыскъæфын æмæ йæ хæрзиуджытæй азмæ дæ хæдзар сфæрнджын кæнын.
Чырыстийы Донаргъуыды бӕрӕгбон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2022
Хуссар Иры ӕрӕхгӕндзысты фӕндӕгтӕ ӕмӕ хъахъхъӕндзысты ӕдасдзинад донаргъуыд исыны бынӕтты
Ирон литературæйы профессор Плиты Гацыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, дон ахӕссыны бӕрн уыд бинонты кӕстӕрыл. Уый тырныдта, цӕмӕй хъӕуы алкӕмӕй разӕй фӕуа суадонмӕ, стӕй ма йӕ уынӕг дӕр хъуамӕ ма уа.
Уый фæстæ æгъдау донхæссæгæй домдта хæдзары къултæ сыгъдæг донæй бапырх кæнын, хистæрмæ донæй нуазæн радтын.
Уый ма радзырдта, доныскъæфæнты æгъдæутты хицæндзинæдтæ кæй ис районты æмæ хъæуты ʻхсæн дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0