Транскам гом у, фӕлӕ трассӕйыл ис митуард – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд цӕуы хуымӕтӕг режимы митуардмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Дыццӕджы ӕхсӕвы Цхинвалы дӕр райдыдта уарын мит, фӕндӕгты уӕлцъарыл ис их.
"Транскам кусы хуымӕтӕг режимы. Ручъы тоннелы хуссар фарс уары мит", - радзырдтой уагдоны.
УУМ сиды шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕстджындӕр фӕндӕгтыл ӕмӕ раивой сӕ хӕдтулгӕты сӕрдыгон цӕлхытӕ зымӕгонтӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0