Ахастыты бындур: 13 азы размæ йæ тыхы бацыд УФ æмæ РХИ хсæн хæларад æмæ æххуысы бадзырд

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæУФ æмæ РХИ ФХМ сæргълæуджытæ Сергей Лавров æмæ Джиоты Мурæт
УФ æмæ РХИ ФХМ сæргълæуджытæ Сергей Лавров æмæ Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Йæ тыхы 13 азы размæ бацæуæг Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæ æххуысы фæдыл бадзырд æрæвæрдта бындур дыууæ бæстæйы хсæн æххæстформатон æхсæнпаддзахадон ахастытæ райтынг кæнынæн, фехъусын кодтой цыппæрæмы республикæйы ФХМ.
Бадзырд бафыстæуыд 2008 азы 17 сентябры, ратификацион грамотæтæ та фарсытæ райстой 2009 азы 20 январы.
"Ацы бонæй Бадзырд бацыд йæ тыхы æмæ уымæй бындур æвæрд æрцыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн æххæстформатон æхсæнпаддзахадон ахастытæн æмæ дыууæвардзн бастдзинæдты бадзырдон-барадон базæ сфидар кæнынæн", - бахахх кодтой ФХМ.
Уæдæй абонмæ рæстæг равдыста документы ахадындзинад, кæцы алыварсонæй ахъаз у хæларадон ахастытæ сфинад кæнынæн. Уыимæ иумæ ма "æнæаивгæйæ дзуапп дæтты дыууæ бæстæйы адæмты бындурон националон интерестæн дæр".
Уагдоны зæрдыл æрлæууын кодтой, уыцы бон ма, 2009 азы 20 январы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон министрæдтæ кæй бафыстой меморандум æхсæнадæмон ахастыты фæдыл æмгуыстады кæрæдзиæмбарынады фæдыл.
Ацы цаутæ, бахахх кодтой фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, ссисты ахсджиаг этап паддзахæдты хсæн дыууæварсон ахастытæ райтынг кæныны хъуыддаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0