Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой 125 ног рынчыны тыххӕй коронавирусӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Ирыстоны
Коронавирус Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 125 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik цыппӕрӕмы Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 284 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг тест разынд 125 адӕймагӕн. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 15 пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 471 адӕймаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 270. Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 58 411 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 741 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0