Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 126 ног рынчыны COVID-19-ӕй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 126 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Цыппӕрӕмы нӕ лабораторийы сарӕзтой 280 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг тест разынд 126 адӕймагӕн. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 22 пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 575 адӕймаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 292. Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 58 691 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 867 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0