Хуссар Иры хъӕутӕй иуы ссыгъд хӕдтулгӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЗынгфӕдисон хӕдтулгӕ
Зынгфӕдисон хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Итраписы хъӕуы ссыгъд хӕдтулгӕ. Арт хуыссын кӕнынмӕ ацыд зынгфӕдисонты дыууӕ бригадӕ, фехъусын кодтой Sputniк Уӕвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон службӕйы.
Зындгирвӕзты тыххӕй фехъусын кодтой майрӕмбоны райсом 07:54 сахатыл.
"Иу бригадӕ ацыд Дзауы посёлокӕй, аннӕ та горӕты хайадӕй. Сӕ бацыдмӕ арт ахуыссын кодтой сӕхи тыхтӕй. Зынгирвӕзты аххосаг уыд цыбыр аныдзӕвд моторон хайады", - загътой уагдоны.
Уагдоны ма бафтыдтой, зынгирвӕзты рӕстӕджы зианбаййафджытӕ нӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0