Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы. Датӕ снысан кодта парламент

© Sputnik / Наталья АйриянПарламентские выборы в Южной Осетии
Парламентские выборы в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны датӕ официалонӕй сфидар кодта радон президентон ӕвзӕрстыты датӕ - уыдон ацӕудзысты 10 апрелы. Скъуыддзаг ист ӕрцыд майрӕмбоны депутатон корпусы рабадты.
2016 азы парламент бахаста барастгӕнинӕгтӕ Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ хъӕлӕсӕппӕрсты бон нысан ӕрцӕуы, ивгъуыд ӕвзӕрстытӕ цы мӕйы ацыдысты, уый дыккаг хуыцаубонмӕ.
Ацы барастгӕнинӕгты фӕстӕ ӕвзӕрстыты датӕ фактон ӕгъдауӕй бӕрӕг уыд, фӕлӕ парламенты официалон уынаффӕ уӕддӕр ӕнӕмӕнг хъуыд райсын.
"Хуссар Ирыстоны парламент аскъуыддзаг кодта президентон ӕвзӕрстытӕ снысан кӕнын 2022 азы 10 апрельмӕ", - загъта фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.
Абоны бонӕй йӕ куыст райдайдзӕн Централон ӕвзарӕн къамис дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0