https://sputnik-ossetia.com/20220122/khussarirystoynag-uazisdzhyta-antystdzhynay-sarkhaydtoy-dzaudzhykhauy-fytstsagady-15285536.html
Хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ ӕнтыстджынӕй сархайдтой Дзӕуджыхъӕуы фыццагады
Хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ ӕнтыстджынӕй сархайдтой Дзӕуджыхъӕуы фыццагады
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Кӕсӕбиты Майрӕм ссис уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Ирыстоны ерысты уӕлахиздзау, фехъусын... 22.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-22T11:08+0300
2022-01-22T11:08+0300
2022-01-24T10:22+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/09/11262141_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_a828e805945cefcc8cb7280810fc4b52.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Кӕсӕбиты Майрӕм ссис уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Ирыстоны ерысты уӕлахиздзау, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Кӕсӕбиты Инал.Ерыстӕ сты ӕрвылазон , ацы аз сӕ хайад райстой 30 спортсмены. Ныртӕккӕ спортсмен, тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕ кӕндзӕн Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн февралы кӕрӕтты.Уымӕй дарддӕр ма хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ рамбылдтой ерысты дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майдан.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/09/11262141_66:0:1506:1080_1920x0_80_0_0_6d89260966efea47a98eadeae3ae7ae4.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ ӕнтыстджынӕй сархайдтой Дзӕуджыхъӕуы фыццагады
11:08 22.01.2022 (Ранӕуӕггонд: 10:22 24.01.2022) ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Кӕсӕбиты Майрӕм ссис уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Ирыстоны ерысты уӕлахиздзау, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Кӕсӕбиты Инал.
Ерыстӕ сты ӕрвылазон , ацы аз сӕ хайад райстой 30 спортсмены.
"Майрӕм ссис фыццагады уӕлахиздзау 81 кг кӕзы категорийы. Уый фыццаг хатт басаста ахӕм уӕз - дыууӕ дисциплинӕйы уый ӕмткӕй систа 270 кг. Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ сты фондз килограмм фылдӕр Уӕрӕсейы спорты мастеры нормативӕй", - радзырдта уый.
Ныртӕккӕ спортсмен, тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕ кӕндзӕн Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн февралы кӕрӕтты.
Уымӕй дарддӕр ма хуссарирыстойнаг уӕзисджытӕ рамбылдтой ерысты дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майдан.