Биазырты Алла: мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй радио Sputnik-ы эфирæй зæла æцæг ирон ныхас

Биазырты Алла: мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй радио Sputnik Хуссар Ирыстон-ы эфирæй зæла æцæг ирон ныхас
Рафыссын
Радио "Sputnik Хуссар Ирыстон"-ы эфиры райдайдзысты цӕуын ирон ӕвзагыл алӕвӕрдтӕ. Ирыстоны политикон цаутæ, культурон процестæ, алыгъуызон цымыдисон хабӕрттӕм хъусдзысты æрмæст Ирыстоны къуымты нæ, фæлæ Уæрæсейы, стæй ма фæсарæнты дæр.
ХИПУ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг филологийы факультеты декан, филологон зонæдты кандидат, доцент Биазырты Аллайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый у иттæг ахсджиаг хъуыддаг, уымæн æмæ æвзаджы цæрдхъомдзинад баст у телеуынынад, радио, æмæ дзы куыд гъæдджындæрæй пайда кæнæм, ууыл".
"Алы адæймагæн дæр йæ ныхасы рæсугъддзинад йæхицæй кæнгæ у. Алчидæр хæсджын у йæ ныхасы гъæдыл кусын, цæмæй йæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл нывæндынмæ арæхса. Уыцы хъуыддаджы иууыл ахъаззагдæр нысаниуæг ис телеуынынад æмæ радиойæн", – загъта декан.
Филологон зонæдты кандидаты хъуыдымæ гæсгæ, радиойы цæхгæр нæй спайда кæнæн хуымæтæг стилы дзырдтæй, æнæраны æрбайсгæ, кæнæ паразитон дзырдтæй.
Уый банысан кодта, ирон æвзаг кæй у тынг хъæздыг æмæ рæсугъд, æрмæст æй хъæуы зонын. Уыцы хъуыддаджы стыр ахъаз фæуыдзæн ног алæвæрд радиойы уылæнтыл.
"Мæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнтыст, цæмæй уыцы уылæнтæй зæла æцæг ирон ныхас, сыгъдæг, уæздан, гъæдджын æмæ ахадæн", - раарфæ кодта Биазырты Алла.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио "Sputnik Хуссар Ирыстон"-ы эфиры, 106.3 уылæныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0