Хуссар Иры ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы

© Sputnik / Natalia AiriyanПаддзахадон арӕн
Паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik. Цхинвалы хуссар кӕроны ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы, кӕцы фехӕлдта республикӕйы паддзахадон арӕны режим, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.
Карелы муниципалитеты Бебнисы хъӕуы цӕрӕг Леван Макашвилийы ӕрурӕдта Арӕнгӕрон службӕ сабаты, 22 январы.
"Развӕлгъау равзӕрсты рӕстӕджы нысангонд ӕрцыд, фӕткхалӕджы фыдракӕнд саразынмӕ ӕркодта Гуырдзыстоны социалон-экономикон стабилондзинады цухдзинад, афтӕ ма куыст кӕй нӕ уардта, уый", - дзырдӕуы хъусинаджы.
ПӔК бафтыдтой, зӕгъгӕ, фӕткхалӕгӕн ис проблемӕтӕ йе ‘нӕниздзинадимӕ ӕмӕ йӕ радтой гуырдзиаг фарсӕн ӕнӕ иварон санкцитӕй къуырисӕры, 24 январы.
Ног хабӕртты лентӕ
0