Цавæр сомбон ис Цъонæн?

Цавæр сомбон ис Цъонæн?
Рафыссын
Кавказы тынг цъус ис къахдзоныгъон трассæйæн бынæттæ. Цъоны гæнæн ис æмæ райрæза спорт куыд къахдзоныгътыл лидзын, афтæ биатлоны формæйы дæр. Биатлон у тынг популярон ныры дуджы. Уымæ гæсгæ, тренировкæты бынат саразынæн Цъоны ис уæрæх фадæттæ.
"Курорт кæронмæ æрæзт нæу, мах аразæм фыццаг къахдзæфтæ ацы хаххыл. Раст ыл куы бакусæм, уæд дзы улæфæн бынат дæр æмæ спортивон бынат дæр ис саразæн", - радзырдта экономикон райрæзты министрады туризмы хайады сæргълæууæг Плиты Вадим.
Курорт куы райдыдта йæ куыст, уæд къахдзоныгътыл æмæ тъепатыл улæфджытæ бырыдысты иу ран. Уый уыдис æдасдзинадæн тынг æвзæр. Къахдзоныгътыл лæуджыты фылдæр сты, нырма гъеныр чи райдыдта бырын, ахæм адæм, æмæ къахдзоныгътæн сæ кæрæттæ та сты цыргъ.
Уымæ гæсгæ, ьафтыдта Плиты Вадим, адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй уынаффæгонд æрцыд, трассæ сæрмагондæй æрмæст къахдзоныгътыл бырджытæн кæй уыдзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0