Хуссар Иры байгом ахуыргонд Гӕбӕраты Николайӕн нывонд равдыст

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Галаты Борисы хӕдзар-музейы уагъд цӕуы равдыст, кӕцы нывонд у номдзыд ирон ахуыргонд, профессор, филологон зонӕдты доктор Гӕбӕраты Николайы сӕдӕ азы юбилейӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Галаты Борисы номыл ирон культурӕйы ӕхсӕнады сӕрдар, фонд "Центр содействия"-йы президент Гаглойты Лиана.
Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Гӕбӕраты Николай кӕй ныффыста чингуытӕ ирон ӕвзаджы фӕдыл дӕр – уыдонӕй фӕсивӕд бирӕ азты дӕргъы ахуыр кӕны мадӕлон ӕвзаг. Уыцы чингуытӕ дӕр бавдыстой равдыстмӕ.
Къацты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2021
Мӕскуыйы ацӕудзӕн ирон нывгӕнӕг Къацты Вадимы равдыст
Организатортӕ ӕдӕппӕт ӕрӕмбырд кодтой аст хайады, кӕцытӕ дзурынц ахуыргонды царды алыгъуызон этаптыл.
Хицӕн витринӕ нывонд у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты периодӕн. Гӕбӕраты Николай фӕивта йӕ райгуырды датӕ ӕмӕ йӕм ӕрсидтысты Сырх Ӕфсадмӕ 1922 азы гуырд фӕсивӕды хсӕн. Гаглойты Лиана банысан кодта, ацы къахдзӕф йын гӕнӕн ис фервӕзын кодта йӕ цард, уымӕн ӕмӕ кӕцыдӕр историкты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 1924 азы гуырд ӕрсидт иууыл тынгдӕр бахъыгдард хӕсты рӕстӕджы.
"Цыдӕр тых ӕй кодта. Арӕх нын дзырдта, кӕй уыд йӕ фыдыфыды иууыл уарзондӕр хъӕбул, ӕмӕ-иу йӕ къухты куы хуыссыд йӕ райгуырӕн хъӕу Урсдуры, уӕд-иу йӕ фыдыфыд уӕлӕмӕ систа ӕмӕ дзырдта: "Мӕнӕ мӕнӕ, Хуыцау, ацы лӕппуйы мын нӕ бафӕдзӕхстай, уӕд смӕсты уыдзынӕн". Ӕмӕ Николайы афтӕ стыр ныфс уыд, хъахъхъӕнынады бын кӕй ис, ӕмӕ куы фӕцӕф ис, уӕд ӕй нӕ уырныдта", - радзырдта Гаглойты Лиана.
Уый ма бафтыдта, ӕфсӕддон витринӕйыл кӕй бавдыстой командирон планшет дӕр, кӕцыимӕ Гӕбӕраты Николай рацыд хӕсты азтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0